Республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстатыл хицауады сæрдар Дзанайты Барис æрдзырдта хицауады уæнгтимæ. Æмбырды уæлдай æргом аздæхтой, бæстæйы Президент Владимир Путин Сергей Меняйлоимæ фембæлды фæстæ цы амынддзинæдтæ радта, уыдонмӕ.
Премьер регионы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Атараты Георгийæн бабар кодта Мæздæджы районы зæхлæбырдтæй тæссаг бынæтты тыххæй бæстæйы разамонæджы домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ хъус æрдарын. Бæстæйы президент бахæс кодта цæрджыты тæссаг рæттæй ног цæрæнбынæттæм раивын. Ныртæккæ регион фарстайыл кусы федералон ведомствотимæ. Вице-премьер
Александр Реутов радзырдта Президенты амынддзинадмæ гæсгæ республикæйы пульмонологон центры модернизацийы тыххæй. Регионы фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæдзинады тыххæй æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Икъаты Русланбег. Хъармгæнæн афонмæ районты цæттæдзинады паспортты ист кæронмæ фæхæццæ кæны. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъармгæнæн сезон Дзæуджыхъæуы æмæ районты хъуамæ ацæуа æнæкъуылымпытæй, уæлдайдæр социалон инфраструктурæйы объектты.
Вице-премьер Платы Альбинæйæн бахæс кодтой сидзæр сывæллæттæн цæрæнбынæттæ дæттыны фарстамæ уæлдай æргом аздахын. Уымæй уæлдай ма 2024-æм азы Цæгат Ирыстоны равзæрды 100 азы бонмæ цæттæ кæнæн мадзæлттæм. Хъæуы ма Беслæны культурон-патриотон центры экспозици саразыны проекты райрæзтыл цырддæр бакусын.
















