Цæгат Ирыстоны саив кæндзысты 41 æхсæнадон бынаты. Уый къухы бафтдзæн «Формирование комфортной городской среды», зæгъгæ проекты руаджы. Вице-премьер Бокоты Эльбрус амыдта кусæг къорды æмбырд. Æхсæнадон бынæттæй, базилинаг чи сты, уыдоны æвзардзысты цæрджытæ. Иумæйаг федералон платформæйы онлайн хуызы цалцæггæнинаг бынат равзарæн уыдзæн 15 апрелæй 30-æм майы онг. Сæрмагонд проекты руаджы ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты банывыл кодтой 42 æхсæандон фæзуаты – парктæ, сквертæ.
Бокоты Эльбрус районты разамонджытæн бабар кодта хæстæгдæр бонты кусæг къордтæ снысан кæнын, равзарын æхсæнадон бынæттæй базилинаг чи сты, уыдон. Фæнд ма кæнынц бархионты штаб снысан кæнын. Хицауады сæрдары хæдивæг ма бабар кодта информацион компанийыл бакусын, цæмæй республикæйы цæрджытæ проекты мадзæлтты тыххæй афойнадыл зоной.
















