Проект «Умный дом»-ы райрæзтыл бакусын фæнд кæнынц нæ республикæйы.
Проекты фыццаг къæпхæнмæ гæсгæ, хæдзæртты сæвæрдзысты сæрмагонд домофонтæ, шлагбаумтæ, стæй кæрты видеоцæстдарды камерæтæ. Домофонтæм видеобастдзинады руаджы бадзурæн уыдзæн чырæ телефонтæй. Видеоцæстдарды системæты бон та уыдзæн цæсгом рабæрæг кæнын. Афтæмæй хæдзары кæртмæ æрбахизын алкæй бон нæ уыдзæн.
Ног нымайæнтæ бæрæггæнæнтæ æмбырд кæныдзысты автоматикон æгъдауæй æмæ сæ профилон куыстуæттæм хæццæ кæндзысты. Экспертты ныхæстæм гæгæ, уыдоны руаджы райхалæн уыдзæн хæдзары иумæйаг хæрдзты фарста. Хæстæгдæр рæстæг равзардзысты бирæфатерон хæдзæрттæ, проекты кæцытæ бацархайдзысты, уыдон.
















