Фæсивæдон форум «Машук»-ы æртæ онлайн сменæйы рæстæг сæхи æнтыстджытæй равдыстой 300 адæймаджы.
Се ‘ппæт дæр бацархайдзысты форумы 4-æм сменæйы «Лидеры развития», зæгъгæ. Уый дистанцион хуызы нал ацæудзæн. Райдайдзан 15 сентябры. Фæсивæдимæ кусдзысты алы хуызты. Проектон, презентацион, ахуырадон. Архайдзысты командæтæй. Изæры та сын сараздзысты цымыдисаг программæ.
Цыппæрæм сменæйы архайджытæ уыдзысты Цæгат Кавказы Федералон Зылды регионты минæвæрттæ. Ахæм уынаффæ рахастой эпидемиологон уавæр æмæ Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæ хынцгæйæ.
















