Хæххон хъæуты райрæзты программæмæ баххæсдзысты ивддзинæдтæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой проектон офисы радон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав. Æмбырды архайдтой республикæйы хицауады уæнгтæ æмæ Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады разамонджытæ. Райрæзты пргораммæмæ бахастой 115 хæххон хъæуы. Фæнысан дзы кодтой цæрджыты нымæц, фæндæгты дæргъ, уымæй уæлдай ма сбæрæг кодтой медицинон, культурон æмæ ахуырадон объекттæ хъæуты им æви нæй,уый.
Битарты Вячеслав куыд фæнсан кодта афтæмæй алы хъæумæ дæр профилон министрадтæ хъуамæ сæ хъус дарой. Хохæгтæн саразын хъæуы æппæт уавæртæ дæр цæрынмæ. Хæххон хъæутæм скæнын фæндæгтæ, хæрзхъæд медицинон лæггад сын бакæнын. Уымæй уæлдай ма Битарты Вячеслав йе ргом раздæхта хæххон зæххыты фосы æмæ зæххы куыст апарахат кæныныл.
















