Республикæйы культурæйы министры хæдивæг Къубалты Эльбрус 6-æм майы йæ бартæй йæхи суæгъд кæндзæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы хицауады радон æмбырды. Йæ куысты бынат ма ныууагъта Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министры хæдивæг Цориты Алетæ дæр. Уымæй уæлдай ма æмбырды æрныхас кодтой æппæтуæрæсейон адæмы сфыстмæ цæттæгæнæн хъуыддæгтыл. Сараздзысты йæ 2020 азы.
Республикæйы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй адæмы сфыст нæ бæстæйы алы регионты саразынц 10 азы иу хатт. Ивгъуыд хатт цыдис 2010 азы. Æмбырды сфидар кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты мадзæлттæ дæр. Томайты Хъазыбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй закъоныпроект агропромышленон комплекс, туризм, наукæйы къабаз, амалхъом адæмы æмæ хæххон хъæуты райрæзтыл хуыздæрырдæм фæзындзæн.
















