Фæллой кæддæриддæр хорзырдæм ахады адæймаджы рæдыд фæндагæй раздахынмæ. Уæвгæ, уый Дзæуджыхъæуы рæстмæгæнæн колонийы хуыздæр зонынц. Ам тæрхонгонд адæм куысты ссарынц удæнцой. Афтæмæй сын фæзыны сæ ивартæ бафидыны фадат, кæнæ та алиментты ныхмæ хæс баххæст кæнын. Бæлвырддæр нæ дардæры æрмæджы.
Ацы центры цы тæрхонгонд адæм ис, уыдон сæрибардзинадæй бынтон не сцух вæййынц. Æхсæнадæн уыйас тас чи нæу, уыдон дзы сты. Ис дзы, зæгъæм, фыццаг хатт кæмæн стæрхон скодтой, кæнæ уæззау фыдракæнд чи не сарæзта, ахæм адæм. Уæвгæ, цы уавæрты сты, уыдон сæрибар цардимæ абарæн нæй. Сæ бонтæ `рвитынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Дуарыл ахизынæн дæр сæ сæрмагонд гæххæтт хъæуы, ахæм хуызы бæрæг у, кæм æмæ цас вæййы ахст адæймаг, уый. Алы цæрæнуаты дæр бынат ис 6 адæймагæн. Иу дæр сæ æгуыст нæу.
Ахст адæймаг йæхи хорз куы дара, уæд ын горæтмæ рацæуынæн бар раттынц. Уый тыххæй хъæуы æрмæстдæр сæрмагонд бардæттæг гæххæтт. Светлана Редькина æппынæдзух ацы фадатæй спайда кæны. Фæнды йæ дæсны хуыйæг суæвын æмæ уæлæмхасæн ахуырад райсын. Ценрты уымæн фадат ис.
Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ амынд куыстытæ кæныны фæтк сфидар кодтой 2017 азы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы `гъдауы фæрцы азымджынтæ раст фæндагыл тагъддæр слæудзысты.
Æмткæй райсгæйæ куыстыты рæстæг ахæссы 5 азы онг. Фæлæ канд уымæй æфхæрд нæ вæййынц ахст адæм. Тæрхондоны уынаффæ куыд æххæст кæнынц, уымæ бæрнон кусджытæ лыстæг кæсынц. Афтæ ма азымджынтæн сæ мыздæй кæцыдæр хай æрвитынц паддзахады æвæрæнтæм. Бæрцæй вæййы 5-æй 25 проценты онг.
















