Газет «Рахизфарсы цард»-ы редакци бæрæг кæны стыр юбилей. 90 азы уацхæсджытæ æмæ редактортæ адæмы зонгæ кæнынц районы æмæ республикæйы ахсджиаг цаутимæ. Æмæ сын æнтыстгæ дæр кæны. Сæ куыст æххæст кæнынц бæрзонд æмвæзадыл. Уацхæсджытæ кад æмæ радимæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ ивынц.
«Хъазуатон», «Коммунизмы тырыса», «Рахизфарсы цард». 90 азмæ газетæн йæ ном цалдæр хатты аивта. Фæлæ йæ уацхæсджытæ кæддæриддæр архайдтой адæмы цард парахатæй равдисыныл. Фидæны фарныл кусын сæ нысан у абон дæр. Се ‘сæн Хосонты Зифæ. Йæ царды фылдæр хай ам кусы, у нымад æмæ фæлтæрдджын уацхæссæг. Уарзон газет æмæ æмкусджытыл æнувыд æмæ иузæрдион адæймаг.
Рауагъдады бæстыхай кæд стыр нæу, уæддæр райдзаст æмæ аив у. Ам алчидæр йæ куыст зоны æмæ йæ æнæ аиппæй ӕххӕст кæны. Интернет æмæ телеуынынадимæ быцæумæ нæкæсгæйæ, газет «Рахизфарсы цард» æппынæдзух цæуы 4 мин тиражæй къуыри 3 хатты.
Газет бацæттæ кæнын æмæ рауадзын æнцон хъуыддаг нæу. Ацы куыстæн райдианæй кæронмæ дзуапп дæтты сæйраг редактор. Фæлæ Хъазиты Иринæйæн, æцæг профессионал уæвгæйæ, уый зын нæу.
Газет фыццаг хатт рацыд 1933-æм азы февралы. Уæдæй нырмæ рауагъдады къæсæрæй бирæ адæм æрбакъахдзæф кодтой. Куыд йæ ном, афтæ ивд цыдысты, цы ифтонггæрзтæй архайынц, уыдон дæр. Фæлæ адæмы уарзондзинад æмæ уарзон газетыл æнувыд кæсджыты цымыдисдзинад абон дæр сты æнæивгæ.
















