Регоператор «Эра» Ног азы бæрæгбæтты фæстæ сæмбырд кодта мингай заз бæласы. Ногæй сыл кусынц полигоны. Ссæндынц сæ, уый фæстæ та сæ æрвитынц, биокомпостирование кæй хонынц, уырдæм. Фæстæдæр сæ пайда кæндзысты куыд тухæн æрмæг, æндзарынмæ.
Хæстæгдæр рæстæг ацы бæлæстæй рауайдзæн пайдайаг хъацæнтæ хъæууон-хæдзарады. Джызæлы полигон ныридæгæн дзаг у хус заз бæлæстæй. Баисты 3 минæй фылдæр. Уæвгæ, нырмӕ дæр ласынц, исдзысты сæ суанг майы онг. Сæрмагонд ифтонггарз сахатмæ æрыссы цалдæр сæдæмæ ‘ввахс бæласы.
Заз бæлас аппарыны зынæй ницы ис, фæлæ ацы хъуыддаг раст куыд саразын хъæуы, уый цæрджытæй бирæтæ зонгæ дæр нæ кодтой. Бæлæстæ рудзгуыты бын, фæндæгтыл, æмæ бырондæтты. Ахæм уавæр сæвзæры фæсногаз. Регионалон оператор «Эра» æнтыстджынæй архайы ацы фарстайыл.
Бæласыл ногæй бакусыны размæ йæ ссыгъдæг кæнын хъæуы ног азы хъазæнтæй. Раст утилизацийы руаджы ис артаг, химæзилæн гæрзтæ æмæ ма суанг хостæн дæр хæрзхъæд хомаг аразын. Зæгъæм, афтæ сæ пайда кæнынц ныгуылæн бæстæты дæр. Махмæ, хъыгагæн, уыцы хъуыддаг бынтон парахат нæу. Фæлæ нæ республикæ стыр къахдзæфтæ кæны ацы фарста райхалынæн. Бæлæстæй æрæссын æмæ сæ афтæмæй ногæй спайда кæныныл архайынц ныр дыккаг аз. Хъуыддагæй разы сты экологтæ дæр.
Ноджы ма æрдзæн иу пайда миниуæг — хъæды бæласдон. Ныридæгæн дзы сагъд ис нæзы бæлæстæ. Сæ хуыз скалдзысты, уыимæ метр æмæ ‘рдæгы онг сырæздзысты 5 азмæ. Зайын сæ кæнынц сæрмагондæй Ног азы бæрæгбонмæ.
















