Рахизфарсы æмæ Æрыдоны районтæ расидтысты æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Боныхъæды аххосæй æппæты фылдæр хъыгдæрд баййæфтой ацы дыууæ районы. Цалдæр хъæуы баззадысты æнæ газ æмæ электрон тыхæй. Фарныхъæуы та 10 хи хæдзары доны бын фесты. Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ республикæ аиуварс кæныны фарстатыл хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз Рахизфарсы районы сарæзта экстренон æмбырд. Профилон уагдæтты разамонджыты ныхæстæм гæсгæ электрон тыхы уавæрыл ныртæккæ кусынц специалисттæ. Фæстиуджытæ иуварс кæнынц Цæгат Кавказы бирæвæрсыг медицинон центры, скъолаты æмæ æндæр социалон нысаниуæг кæмæн си, уыцы объектты. Уавæрмæ йæ цæст дары республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Республикæйы районты æнæхъæн æхсæв куыстой æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Куыд рабæрæг афтæмæй райсомæй Æрыдоны районы хъæутæм электрон тых бауагътой. Се `хсæн Хъæдгæрон, Нарт æмæ Мичурино.
















