Баскаты Фаризæ Цæлыччы культурæйы галуаны театралон къорды уæнг у. Йæ бæллиц — артисткæ суæвын. Цæмæй уыцы нысан йæ къухы бафта, уымæн ын æххуыс у йæ ахуыргæнæг Сихъоты Мадонæ. Чызг, гæнæн уæвгæйæ, иу ахуыр дæр нæ ауадзы. Æрæджы йæ хæлæрттимæ иумæ сыхаг республикæйы уыдысты аивадон ерысты. Райстой фыццаг бынат.
Ног æмæ ногæй сабитæн аивады лыстæгдзинæдтæ амонынæй нæ фæллайы Сихъоты Мадонæ. “Рæзгæ фæлтæр мадæлон æвзагыл дзурой, уый нымайын мæ куысты сæйрагдæрыл”, — зæгъы театралон къорды ахуыргæнæг.
Арæхстджынæй сæхи æвдисынц культурæйы хæдзары доулисттæ дæр. Сæ ахуыртæ — къуыри 3 хатты, 3-гай сахæттæ. Дыууæ къордæн разамынд дæтты 15-аздзыд Деметы Сослан.
Æрыгон ахуыргæнæджы къорд æппынæдзух архайы алыхуызон фестивальтæ æмæ ерысты. Аивадуарзæджы цæст сыл ма ‘рхæца, афтæ никуы вæййы. Уæдæ сæ тæрхонгæнджытæ дæр хуыздæртыл банымайынц.
Гиуæрги æмæ иннæ фæсивæд дæр, æцæг, цæрдæг сты кафынмæ. Сæ къорды разамонæг — Джиголаты Давид. Репетицион зал фыццаг бацахсынц кæстæр къорды сабитæ. Уыдон нырма сæ фыццаг къахдзæфтæ кæнынц.
Культурæйы хæдзары кусы 6 сфæлдыстадон къорды. Æмткæй сæм цæуы 100 сывæллонмæ ‘ввахс. Æмæ уыдон æрмæст Цæлыччы цæрджытæ не сты.
Æппынæдзух культурæйы хæдзары ис фенæн фæсивæды рог кафт, фехъусæн хъæлдзæг зарджытæ. Аив бæрæгбæттæм сæм сæмбæлынц хъæуы цæрджтытæ хистæрæй-кæстæрæй. Ам бæрæг у — Цæлыччы кæстæртæ ирон культурæ æмæ не `гъдæуттæн аргъ кæнынц.















