Боныхъæды хивæнд митæ Беслæны цæрджытæ знон æххæстæй банкъардтой сæхиуыл. Сонт дымгæ æмæ тæрккъæвдайы ахæсты бахауд Рахизфарсы район. Стыр зиантæ æрхастой. Бæстыхæйтты сæртæ, бæлæстæ æд уидæгтæ стыдтой.
Бæлæстæ фæлдæхтысты, телтæ тонгæйæ. Горæты иу хайы рухс нæй. Уæлдай тынг 6-æм скъола баййæфта хъыгдард. Дымгæ йын иу уысммæ йæ сæр йæ кæрты авæрдта. Хуыцау хорз, æмæ хæстæг ничи уыд. 4-æм уæладзыджы иу хай доны бын фæци. Фæстиуджытæ иуварс кæнын райдыдтой сæумæрайсом. Ахуыры азы райдианмæ бæстыхай рацаразын хъæуы.
Плиты Иссæйы уынгыл та дымгæ бæлас æд уидæгтæ стыдта. Суанг ма асфальт æмæ æфсæйнаг быруйыл дæр нæ бацауæрста. Уæдæ хъæутæ дæр æнæфыдбылызæй нæ аирвæзтысты. Телыхъæдтæ кæй афæлдæхтысты, уый тыххæй Зилгæ, Ног Бæтæхъойыхъæу, Хуымæллæг, Заманхъул æмæ Ольгинскæйы дон æмæ рухс нæ уыд.
Специалисттæ зæрдæргъæвдæй архайынц боныхъæды фæстиуджытæ куыд тагъддæр аиуварс кæныныл. Цæрджытæй курынц, цæмæй чысыл ныггæдзæ кæной.
















