Боныхъæды аххосæй Цæгат Ирыстоны зынгсирвæзтытæй тæссаг у. Сæрмагонд фæтк снысан кодтой 44 цæрæн бынаты. Ууыл ныхас цыд аппаратон æмбырды. Ивгъуыд къуыри æрцыд 86 зынгсирвæзты. Хъыгдард ничи баййæфта. Алы цаумæ дæр оперативон службæтæ цæрдæг фæлæууынц. Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
Рахизфарсы районы зноны тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кæнынц. Фæхаста Беслæны 6-æм скъола æмæ Ног Бæтæхъойыхъæуы спортивон залы бæстыхæйтты сæртæ. Электрон тыхдæттæг телтæ æмæ бæлæстæ дæр афæлдæхтысты. Районы иу хайы рухс нæй. Бынаты кусдзæн оперативон штаб. Ныхас цыд æнæниздзинадхъахъхъæнынадыл дæр. Эпидемиологон уавæр ис æмбæлгæ æмвæзадыл. Ифекцион низты бæрæггæнæн нысангонд арæнæй уæлдæр нæу. Дзуапдæттæг министрадæн Сергей Меняйло бабар кодта цæрджытæн льготон хостæ æнæ къуылымпыйæ дæттын.
















