preloader
сейчас в эфире
10:07
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
10:15
КОСТА ХЕТАГУРОВ 12+
10:50
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
11:45
ПО ФАКТУ 12+
12:15
ПРО ЛЮДЕЙ 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Раст куыд фидын хъæуы?

16.08.2018 16:35

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хъаст кæнынц ВИРЦ-ы куыстæй.

Дзæуджыхъæуы информацион-нымайæн центр фыццаг аз нæ кусы. Уæдæ йын йæ лæггæдтæй нæ горæты цæрджытæй бирæтæ пайда кæнынц. Æмæ куыннæ! Æппæт коммуналон лæггæдтæн бафидын иу ран æнцон у. Фæлæ а-фæстаг рæстæг цæрджытæ центры куыстæй разы не сты, хъаст ыл кæнынц. Алы фиддоныл дæр, дам, æрæвæрдтой цыдæр уæлæмхасæнтæ æмæ афтæмæй сæ бæрц зынгæ фæбæрзонддæр вæййы.


Джиоты Земфирæ райста, коммуналон лæггæдтæ кæй бафыста, уый тыххæй квитанцæ. Фæлæ йæ Дзæуджыхъæуы информацион-нымайæн центры бахъуыд, цы лæггæдтæ йын ракодтой, уыдонæн уæлæмхасæн фиддон бахæссын. Ацы ногдзинад ын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон нæ уыд.

Абонент Джиоты Земфирæ: «Фыстон хъармдæттыны лæггæдтæн 500- сомы,фæлæ мын кассир загъта, кæм ма мæ хъæуы бафидын 2,5 % уæлæмхасæн фиддонтæ,уыдон кæнæ уыцы 5000 кæй сисдзысты,кæнæ та сæ бахъæудзæн æндæр ран бафидын.Чи сын радта ахæм бар ?Фæлæ кассир йæ хъуыды адарддæр кодта,4,5% та хъуамæ доны лæггæдтæн бафидон, уый дæр уæлæмхасæн фиддоны хуызы».

Дзæуджыхъæуы информацион-нымайæн центры æмбарын кæнынц — уый у, горæты уагдæттыл сæ зилын кæй нæ бахъæуы, уымæн фиддон. Фылдæр хатт фиддонтæн уыцы уагдæттæм сæхимæ фидæн дæр ис. Фæлæ дзы бирæтæн сæ уавæр финансон æгъдауæй бæллиццаг кæй нæу, уый аххосæй сын сæ хæстæ йæхимæ ацы центр райста. Зæгъæм, ахæм хуызы фæрогдæр кодтой Дзæуджыхъæуы Доны хæдзарады уаргъ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ныры дуджы та йæ къух æнæ `хцайæ уазал доны дæр ничи атулдзæн.

ВИРЦ-ы абонентты хайады хицауы хæдивæг Цæрикъаты Мæдинæ: «Афæдзы райдиан Дзæуджыхъæуы доны хæдзарадимæ бафыстам бадзырд, уымæ гæсгæ нæм коммуналон лæггæдты фиддонтæй уæлдай фæзынд уæлæмхасæн фиддон 4,5% бæрц. Дзæуджыхъæуы информацион-нымайæн центр йæхимæ раста ахæм фиддонтæ исыны бар. Бадзырдмæ гæсгæ алы фиддон арвитыны аргъ у 12 сомы, уымæ гæсгæ йын снысан кодтам уæлæмхасæн фиддон 2,5%».

Афтæмæй, Дзæуджыхъæуы цæрджытæм информацион-нымайæн центрæй цы гæххæттытæ `рбацæуы, уыдоны амынд нымæцтæ телефонты номырты халдих бавæййынц. Адæм коммуналон лæггæдтæй ифтонггæнджыты раз хæсджынæй стæм хатт баззайынц, фæлæ гæххæтытæм гæсгæ уавæр æндæр вæййы. Кæцæй райсынц уыцы нымæцтæ? Уый не`мбарынц нæ республикæйы цæрæнуæттæ-коммуналлон хæдзарады министрады дæр. Фарста райхалыныл дæр архайдтой. Куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй ифтонггæнджытæ нымайæн центрмæ бæрæггæнæнтæ нæ арвыстой. Уæд министрады адæммæ фæсидтысты, цæмæй центры гæххæттытæм гæсгæ фидыныл ма тагъд кæной.

РЦИ-Аланийы цæрæнуæттæ-коммуналон, артаг æмæ æнергетикæйы министры хæдивæг Хъуппеты Тæирæ: «Нæ горæты цæрджытæм сидын! Коммуналон лæггæдтæн фидынмæ куы æрбацæ ут, уæлдай нæу Дзæуджыхъæуы информацион-нымайæн центр уа, пост, æви банк, уæд-иу фæрсгæ бакæнут, уæлæмхасæн фиддонтæ уæ цас æмæ куыд бафидын хъæудзæн,уы й. Кæд разы стут, уæд-иу бафидут».

Бæрнон кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис, æмæ компьютертæ раст нæ банымадтой. Уый та, дам, уый тыххæй, æмæ техникон æгъдауæй сæ куыст раст нал цыд.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
10.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
10.06.2026
Туризм | Разбор полётов
9.06.2026
Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл
9.06.2026
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
История – в наследство I Гвардия
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
Праздник Холи I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Все рекомендуемое