Фæстаг дыууæ азы регионы æвæрд æрцы 150 мин контейнеры бырон хицæнæй æмбырд кæнынæн. Афтæмæй та æлхæд æрцыд 143 мин контейнерæй чысыл фылдæр.
Раздæр ацы хъуыддагæн хицауад рахай кодта 2,5 млрд сомы. Фæрæзты руаджы регионтæн бантыст балхæнын контейнертæ авг, æфсæйнаг, гæххæтт æмæ пластикæн, дæрддæр цæуыл бакусдзысты æмæ ног дзауматæ цæмæй сараздзысты, уыдонӕн.
Ацы реформæйы райдианæй ивгъуыд аз арæзт æрцыд, бырон кæм æмбырд кæнынц æмæ сыл кæм бакусынц, ахæм 192 объекты. Уыцы мадзæлтты руаджы бæстæйы бакусынц хауæццæгты 5,5 мин тоннæйыл, равзæрстой та хауæдздзæгты 19 млн тоннæйы.
















