Суанг ма рудзынг дæр нæ байгом кæндзынæ, зæгъы Мæздæджы цæрæг Борис Зернов. Хауæццæгтæ, арæзтадон бырон, дзæкъултæ. Æмæ уый цæрæн кварталы, сывæллæттæ кæм хъазыц, ахæм бирæуæладзыгон хæдзæртты кæрты. Уæвгæ, уавæр хуыздæр нæу æппæт горæты дæр.
Æдæппæтæй Мæздæджы ис 184 бырондоны фæзы Бырон хъуамæ ласа регоператор «Сыгъдæг горæт». Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй куыстуат фæткмæ гæсгæ нæ кусы. Бырондæттæ дзаг кæй сты, уымæ гæсгæ хауæццæгтæ æмбырд кæнын райдадйынц сæ алыварс, зæххыл. Хæссы сæ дымгæ.
Æмæ цалынмæ æппæт бæстæйы æнтыстджынæй парахат кæнынц хауæццæггтæ хицæнæй æмбырд кæныны хъуыддаг, уæдмæ Мæздæджы цæрджыты та хъæуы сыгъдæг горæты цæрæныл тох кæнын. Уый тыххæй та, дзырдæн, фидынц куыд æмбæлы, афтæ. Бырæтты иу кубæн регоператор исы 386 сомы иу адæймагæй. Куыстуатимæ ма ис хицæн бадзырд. Йæ фæлгæты хъуамæ æфснайой, контейнерты алыварс цы бырон æрымбырд вæййы, уый дæр. Æмткæй райсгæйæ, фиддонтæ æххæст кæнынц цæрджыты 90 процент.
Ног контейнертæ ис, горæты хæдзарады управленийæн рахай кодтой пластикæй 150 бакы. Фæлæ та ам дæр ис къуылымпыдзинæдтæ. Регоператоры сæрмагонд техникæйæн йæ бон нæу нырыккон контейнертæ сисын.
Цæрджытæ æмæ не сфæлдыстадон къордимæ аныхас кæнын регоператоры кусджыты нæ бафæндыд. Фæлæ æрæджы семæ дзырдтой Адæмон фронты уæнгтæ.
Горæты хæдзарады управленийы директоры ныхæстæм гæсгæ, «Сыгъдæг горæт» фехъусын кодтой, дарддæр сæ хæстæ æххæст кæнын сæ бон кæй нал у. Аххосæгтæ схуыдтой цалдæр. Ныллæг тарифæй уæлдай ма хъаст кæнынц кусджытæ сын кæй нæ фаг кæны. Уымæй уæлдай, сæ техникæ дæр базæронд.
Ног оператор снысан кæныны хъуыддаг тагъд нæу. Уавæр та бонæй-бонмæ уæззаудæр кæны. Цæрджытæ нын куыд загътой, афтæмæй цæттæ сты цыфæнды куыстуатæн дæр фидын. Æрмæст уынгтæ цæмæй быронæй ссыгъдæг уой.
















