Регоператор «ЭРА» сарæзта бырæттæ ласыны лæггадæн фиддонтæ æвзæр чи æххæст кæны, уыдоны номхыгъд. Фыццаг бынаты ис Дыгуры район. Уым лæггадæн фидынц цæрджыты 42 %-æй чысыл фылдæр. Горæтгæрон районы та фиддонты бæрæггæнæн у 50 %. Черменыхъæу, Сунжæ, Даргъ-Къох, Хъарман-Сындзы хъæу æмæ Къора-Урсдоны тынг гыццыл адæм фидынц бырæттæ ласыны лæггадæн. Афтæмæй та сын сæ бырон ласынц æнæ къуылымпытæй.
Цæрджытæй бирæтæ фæзæгъынц, сæ бырон сæхæдæг кæй акалынц, уый, кæнæ йæ басудзынц. Уый та у закъоны ныхмæ. Афтæмæй хæдзары хицауы фæивар кæндзысты. Регионалон оператор радон хатт адæмы зæрдыл лæууын кæны, бырæттæ ласыны лæггадæн фиддонтæ кæй сты æнæмæнг се ‘ппæт цæрджытæн дæр алы мæйы 10-æм боны онг.
















