Æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком. Цъæйы коммæ нæ республикæйы алы районтæй æрбамбырд сты сæдæгай адæймæгтæ. Суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Ацы кадджын бæрæгбонмæ бацæуын йæ хæсыл банымадта Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Алыхуызон ерыстæ, зарджытæ, кæфтытæ — бæрæгбоны мадзæлттæ цыдысты суанг изæрмæ.
Хистæртæ скуывтой Уастырджимæ. Сæ ныхас азæлыд комрæбынтыл. Ирон адæмы æмæ райгуырæн бæстæ тыхджындæр дзуарыл бафæдзæхсын. Дунейæн сабырдзинад ракурын. Алы лæг дæр æй нымайы ам йæ хæсыл.
Рекомы дзуары æгæрон тыхыл адæм кæй æууæндынц, уый дызæрдыггаг нæу. Цы зæдмæ кувынц, ууыл сæхи фæлдисынц æмæ дзы курынц сæ хуыздæр бæллицтæ. Кувæндоны къух бакæнæн дæр нæй.
Рекомы кувæндонæн йæ бынат — алæмæты бæстæ, диссаг æмæ иттæг цымыдисон йæ арæзт, йæ историйæ дæр.
Рекомы Уастырджийы æгъдæуттæ сты бынтон сæрмагонд. Иу карз нозт дæр нæ, иу хæрам ныхасæн дæр дзы бынат нæй. Арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст æмæ рухс, сыгъдæг æнкъарæнтæ. Нæлгоймæгтæ йæм фылдæр цæуынц урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй.
Сæрмагонд домæнтæ куы нæ æххæст кæнай, уæд дын ам бынат нæй. Куыд нæй сылгоймæгæн, афтæ. Уыдонæн Рекоммæ `ввахс ис сæхи бынат – Мадымайрæмы кувæндон. Æгъдаумæ гæсгæ ам кæрæдзи ссарынц усгур лæппутæ æмæ чынддзон чызджытæ.
Сæйраг кувæндоны хъæлдзæг ныхас хъуысы ардæм дæр. Фæсивæд суанг изæрмæ зарыдысты æмæ кафыдысты. Уæлдай дисы та рагон симд афтауы. Тымбыл кæнæ Зилгæ кафт.
«Ацы кафт кувæндоны алыварс æрбатымбыл кодта æппæт нæлгоймæгты дæр стырæй-чысылæй. Рагон симд, тымбыл кæнæ зилгæ кафт. Йæ алы фезмæлды зыны дунейы равзæрды мидис, уæлмонц, адæмы иудзинад æмæ цард», — уацхæссæг Гогаты Марат.
Æнæхъæн Ирыстонæй ацы бон ардæм цы адæм æрбацæуы, уыдоны нымæц азæй – азмæ кæны фылдæр. Ацы аз дæр сæ нымæцыл бафтыди. Рекомы бæрæгбон рауад фидауцджын, аив æмæ сæрмагонд. Ахæм у Рекомы Уастырджийы тых.
Гогаты Марат
















