Ацы танк сӕрибар кодта Венгри. Знагæн ныхкъуырд лæвæрдта Австрийы ӕмӕ Чехословакийы, ныртæккæ та ис ам — Æфсæддон Намысы горæт — Дзæуджыхъæуы. Æнцад кӕсы арвмӕ, йӕ фарсмӕ — Иван Тимошкин. Легендарон танкист ӕрбацыд йӕ хӕстон ӕмбалы бӕрӕггӕнӕг. Зӕгъы: ам, Уæлахизы фæзы, мысинӕгтӕ сӕхӕдӕг фæзынынц.
Танчы кабинӕмæ ветеран бахауд 17-аздзыдӕй, уӕд 44-ӕм азы кӕрон, куыста трактористӕй колхозы, фӕлӕ Райгуырӕн Бӕстӕ фæсидт ӕххуысмæ, ӕмӕ йӕ бахъуыд стырдӕр техникӕмӕ аивын. Афтæмæй, ахуыры 3 мӕйы фӕстӕ, механик-шофыр Иван Тимошкин ацыд йӕ фыццаг тохмӕ.
Рæстæгимæ цы къамтæ сбур сты, уыдоныл истори бамынæг: хъуыстгонд экипаж Т-34 ӕмӕ Иван Тимошкин йӕхӕдӕг. Ахӕм скондӕй сӕмбӕлдысты Уӕлахизыл, Венгрийы. Хӕстон мысы, фронты ӕмбӕлттӕй ӕгас ничиуал баззад.
Фӕлӕ Иван Тимошкин йӕхӕдӕг бахауд Цӕгат Кавказы æфсæддон зылдмӕ, ӕфсӕнвӕндаджы ӕфсӕдтӕм. Уӕд, хӕсты фӕстӕ, танкист каст фӕци офицерты училищæ ӕмӕ сси лейтенант. Советон ӕфсадӕн радта 26 азы, службӕйæ та ацыд капитаны цины. Уый фӕстӕ — бинонтæ, цот, ӕмӕ пенси, фӕлӕ уыцы ӕвирхъау цаутӕ зӕрдыл лӕууынц абон дӕр. Мысинӕгтӕ цӕрӕнбонты йæ зæрдæйы хæссы, фидӕны фӕлтӕртӕн цардӕгас дӕнцӕгау —бӕстӕйы хъӕбатыр ивгъуыд ферох кӕныны бар нын æппындæр нӕй.
Стыр сгуыхтдзинад сӕ зӕрдыл дарынц Прокуратурæйы дæр. Республикӕйы прокуроры радон цыд — хуымӕтӕг адӕймаджы ныхасы тыххӕй, барадхъахъхъӕнӕджы цæст æрхæцыд пырх фæндагыл: дзыхъхъытӕ, къуыппытæ, хæдтулгæйыл нæ, фæлæ дзы фистæгæй цæуын дæр зын уыд.
Абон ног фӕндагыл Иван Тимошкинæн йӕ бон у цыфӕнды афон дӕр азилын, сыгъдӕг уӕлдӕфӕй аулӕфын ӕмӕ сыхӕгты абӕрӕг кӕнын – уый у ветерантыл узæлд, ныхастæй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй.
Лӕгъз ӕмбӕрзт уæлцъар, бордюртӕ ӕмӕ ног коммуникацитӕ — ацы фæндагыл ӕнцон у тезгъо кӕнын ӕмӕ хæдтулгæйыл цӕуын, фӕлӕ ветеран арæхдæр цæуы фистæгæй. Алы райсом араст вæййы кæсаг ахсынмæ. Ацы хъуыддагмæ уарзондзинад рахаста цӕрӕнбонты — ӕнгуыр фыццаг хатт райста 8-аздзыдӕй, ӕцӕг уӕд хъуыддаг ӕхсызгондзинад нæ хаста: мин фараст сæдæ ӕртынӕм æххормаг азты уый уыд иунæг фæрæз бинонты фæдарынæн.
Ныртӕккӕ та гӕрзтӕ ӕмӕ ӕнгуыр сты хорз райсомы сӕйраг фæрæзтæ. Цадмӕ ветеран арӕх фӕцӕуы иунӕгӕй, хаттӕй-хатт та йӕ кæстæртимæ. Бирæ нæ æрцахсы, фӕлӕ сӕйрагдӕр — архайд йӕхӕдӕг у. Ветеран зæгъы, доны фарсмæ ӕнцондӕр у хъуыды кæнын — донмӕ кӕсгӕйӕ мысы йæ æвзонг азтæ, хӕст ӕмӕ хӕстон ӕмбӕлтты.
Ветерантӕн æххуыс — прокуратурӕйы æппынæдзухы куысты хай. Кусæндоны бӕрӕг кӕнынц, цалынмӕ хистæрты нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕдмӕ — тыхджын стӕм.
















