Уазал боныхъæд ралæууыд æмæ та æхнырсæджы алы хуызтæ парахат кæнынц адæмы ‘хсæн. Фыццаджыдæр, фæрынчын вæййынц чысыл сабитæ. Уыдонæн низ ацæуы уæззаудæрæй. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, вакцинаци у æнæниздзинад бахъхъæныны ахсджиаг фæрæз. Иммунизаци райдыдта фæззæджы. Дохтыртæ сидынц адæммæ, цæмæй скæной прививкæтæ.
Регионы апарахат сты грипп æмæ вирусы инфекцитæ. Рынчынтыл бонæй бонмæ фылдæрæй-фылдæр æфты. Республикæйы эпидемион уавæр раздæры нысангонд бæрæггæнæнæй у 27% фылдæр, Дзæуджыхъæуы та – 31% бæрц. Ивгъуыд къуыри ма дохтыртæ рабæрæг кодтой 2009 азы гриппы штамм A H1N1.
Фæстаг мæйы дæргъы дохтырты рынчынтæм хæдзармæ цæуын дыууæ хатты арæхдæр бахъæуы. Адæм æнхъæлынц, æхснырсæгæй рынчын сты, фæлæ сæм коронавирус рабæрæг вæййы. Уæвгæ, дыууæ низӕн дӕр сӕ æууæлтæ райдианы иухуызон вæййынц. Буары тæвд бæрзонд бæрæггæнæнтæм хизы, риссынц хъуыртæ, хуыфæг. Низы хатт бæлвырдæй сбæрæг кæнынц æрмæст дохтыртæ.
Прививкæ скæнын – барвæндон хъуыддаг у. Фæлæ дохтыртæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, вакцинæ æдас кæй у. Сывæллæттæн аразынц синтетикон хуыз. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ тыхджын нæу. Ныртæккæ иннӕтӕй арæхдæр рынчын кæнынц сабитæ. Уæлдайдæр та, æртæйæ æхсæзы онг, стæй авдæй цыппæрдæс азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Фæлæ ахуыртæм раздæхыны фадат алы скъолайы дæр нæй. Бон раздæр сæ куыст баурæдтой 9 скъолайы, 129 къласы, 35 рæвдауæндоны æмæ 37 къорды. Дохтыртæ курынц, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уырдæм ма цæуын. Æххæст кæнын æдасдзинады домæнтæ æмæ æнæниздзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсын.
















