Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæттæ 4 мæймæ «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиал «ЦæгатКавказэнерго»-йы раз сæ хæс фæфылдæр кодтой 384 млн сомæн.
Сæ иумæйаг хæс ныр у 2 млрд соммæ ввахс. Сæ лæггæдты фæдыл фиддонты бæрæггæнæн республикæйы нымад у æппæтæй ныллæгдæрыл – 31%. Республикæйы æппæт коммуналон куыстуæттæй иу дæр афойнадыл æмæ æххæстæй нæ фиды, цы электрон тыхæй спайда кæнынц, уымæн. Бирæфатерон хæдзæртты коммуналон лæггæдты хæс у 770 милуан сомы. Куыстуæттæн сæ фылдæр сты, коммуналон лæггадтæ бауромæн кæм нæй, ахæмтæ. Æмæ уымæй, хъыгагæн, пайда кæнынц. Энергокомпани кæны егъау куыст, архайы хицауад æмæ районты разамындимæ иумæ, цæмæй сын сæ хæс бафидой. Фæлæ уæддæр хæстæ рæзынц æмæ æппæт Цæгат Ирыстоны фæлхасгæнджытæн дæр тæссаг у æнæ ацы коммуналон лæггадæй баззайынæй.
















