Республикæйы хицауады æрдзырдтой, нæ бæстæйы президент фарон августы цы бабар кодта, ууыл. Мадзæлттæ баст сты туризм, хъæууон хæдзарад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, промышленносты къабæзтӕ æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады райрæзтимæ.
Республикæйы ма фæзындзæн нырыккон медицинон реабилитацийы центр. Ныридæгæн ын рахай кодтой зæххы хай. Объекты медицинон-техникон гæххæттытæ цæттæ кæнынц. Ифтонггонд цæуы Фыййагдоны республикон пульмонологон æххуысы центр. Ацы аз бакусдзысты бæстыхайы проектон-хыгъдон гæххæттытыл æмæ центры ног корпусы арæзтадыл. Уæлдай æргом здæхт цæуы Беслæны райрæзтмæ. Уым ныридæгæн цӕттӕ кӕнынц, генералон пъланмæ хаст чи æрцыд, ахæм объекттæ. Президенты уынаффæмæ гæсгæ хæстæгдæр дыууæ азы уæлæмхасæн фæрæзæтæ рахай кæндзысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады объекттæн, ахуырад, культурæ æмæ спорты райрæзтæн.
Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы туризмы комитет Цæгат Ирыстоны туризмы кластеры мастер-пъланыл фаг нæ кусы.
















