Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыд фембæлд Президент Владимир Путинимæ. Регионы разамонæг радзырдта республикæйы социалон-экономикон райрæзты æмæ хуыздæр проекттæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй. Хицæнæй æрдзырдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ цавæр æххуыс исынц, уый тыххæй.
Йæ тæмæны ис “Мамысон”-ы арæзтад. Сæвæрдтой дзы рæтæн фæндаг. Кусæн фæзуатæн йæ æнцойгæнæнтæ цæттæ сты, ныртæккæ ма ауындзынц техникон бæндæнтæ. Ацы аз къахдзоныгъты курорт суазæг кæндзæн фыццаг туристты. Президенты бардзырды фæлгæты æмæ Хицауад цы программæ сфидар кодта, уымæ гæсгæ, Беслæны генералон пъланы номхыгъды сфидар кодтой 49 мадзалы 8 млрд сомæн. Ацы азы кæронмæ объектты куыстытæ фæуыдзысты. Сергей Меняйло ма иу хатт бузныг загъта Президентæн Беслæны фыдцауы хъыгдард баййафджыты реабилитаци 2030 азмæ кæй адарддæр кодта, уый тыххæй. Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм рады лæууын нал хъæуы.
















