Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты тæрхондоны æмбырдтæ фæзмынынц æрмæст уырыггау. Ирон сæм профессилналон æмвæзадыл нарма нæй. Хъæуы йыл бæстонæй бакусын, лексикæ снысан кæнын. Æвзаг бахъуыд цалдæр уæззау æркасты фæстæ. Азымджынтæ хъуыддæгты æрмæджыты тæлмацтæ куы бадомдтой, уæд. Афтæмæй фæзынц “Ирон æвзаг юридикон практикæ”-йы курс.
Дисциплинæ снысан кодтой дыккæгæм курсæй. Хуыздæр кæнынц иумæйаг ироны хæрзхъæддзинад, уæрæхдæр кæнынц юридикон лыстæгдзинæдты зонынад. Ахуыр кæнынц раздæры æгъдæуттæ дæр. Хетæгкаты Къостайы хъуыстгонд “Фатимæ”-йы скъуыддзагмæ гæсгæ æрыгон адæм равзæрстой уавæр рагон æгъдæутты æмæ нырыккон закъæтты бындурыл.
Курс бабæрæг кæнынц 200 студенты æдæппæтæй сты 12 къорды. Кæронбæттæн æрыгон адæм раттынц бахыгъд. Куыд иннæтæ, афтæ ацы предмет дæр баффысдзысты дипломы.
Иппæрд никæй кæнынц. Бахыгъд дæтдзысты иууылдæр. Студенттæй æвзаг æвзæр чи зоны, уыдондæр предметыл цин кæнынц. Суанг ма æвзаг йæ мадæлон кæмæн нæу, уыдоны зæрдæмæ дæр цæуы.
Фæсивæды разæнгард кæнынц æцæг дæнцæгтæй. Экраныл – бæстæйы субъектты паддзахадон оргæнты сайттæ алыхуызон æвзæгтыл. Кæрдæгхуыз æмæ цъæхæй фæнысан кодтой, регионты иуæй фылдæр кæм пайда кæнынц, уыдоны. Урс хайы та æрмæст уырыссаг æвзагыл.
Курс иу ахуыртæй иннæмæ хуыздæр кæны. Фидæны йæ фæнд кæнынц ноджы фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй йæ ахуыр кæной юристтæ дæр. Æвзаг хъахъхъæнын æмæ ахуыр кæнын тынг ахсджиаг æмæ бæрнон хъуыддаг у.
Ирон æвзаг хъуамæ куса паддзахады æмвæзадыл. Ацы хъуыды раджы фæзынд. Ныртæккæ уавæртæ куы фæуæрхдæр сты, уæд хъуыддагыл бæстондæр архайын райдыдтой. Профессионалон лексикæ снысан кæнын æрмæст юридикон къабазы нæ хъæуы.