Хицæнæй гæххæт, авг, пластик æмæ æфсæйнаг. Дзæуджыхъæуы æвæрынц хауæццæгтæ хицæнæй æмбырд кæнынæн контейнертæ. Фыццаджыдæр нырыккон бырондæттæ æвæрд æрцæудзысты скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты. Арæзт сты æрмæст хус хауæццæгтæн. Алкæцы дæр сæ фæнысан кодтой, цавæр хауæццæгтæ дзы ис æппарæн, уыцы амынддзинæдтæй. Се ‘руаджы хауæццæгтæй уыдзæн дыккаг хатт спайда кæнын, уыимæ фæкъаддæр уыдзысты бырæтты егъау бæстыхæйттæ дæр.
Цæрæнуæттæ-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй сæвæрæдзысты 700 контейнеры. Семæ баст æппæт лæггæдтæ æххæст кæндзæн регионалон оператор «Эра».
















