Ныгуылæнварс трибунæйы æфсæйнаг æмæ бетонæй конструкцитæн сæ 90% цæттæ у. Аразджытæ бавнæлдтой зæхх раст кæнынмæ, амайынмæ æмæ æхсæнкъултæ аразынмæ. Æвæрынц мидæггаг коммуникацитæ. Скæсæйнаг фарс та кусынц вентиляцийыл, фидар кæнынц электрон тыхы телтæ æмæ зынгсирвæзты ныхмæ хæтæлтæ, донæввонг æмæ канализацийы системæтæ. Уæдæ æддаг бакаст æмæ фæз дæр нывыл кæнынц. Стадионы куыстытæ куыд цæуынц, уый федта бæстæйы спорты министр Олег Матыцин. Регионы разамонæг ын радзырдта арæзтады къæпхæнты тыххæй. Объекты цæттæдзинад у 65%.
Дарддæр бабæрæг кодтой ихын аренæ. Йæ фæзуат – 32 мин квадратон метрæй фылдæр. Ис дзы дыууæ фæзы, 8 дарæсивæн уаты, 36 бынатæн хостел спортсментæн, 3 спортивон залы иумæйаг æмæ сæрмагонд цæттæдзинадæн. Аренæ кадджын уавæры байгом кæндзысты 26 январы. Бабæрæг æй кæндзæн советон æмæ уæрæсейаг хоккеист Вячеслав Фетисов. Уазджытæ суыдзысты ирд цауы æвдисæнтæ. Бацæттæ йæ кодта Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валерий. Ихы аренæ байгом кæныны мадзал у æрмæст проекты иу хай.
Министры йæ кусæг балцæн кæронбæттæн скодта Уæгъдибар хъæбысхæсты тренировкæгæнæн центры. Уым федералон бæрнады разамонæг, регионы разамонæг æмæ Цæгат Ирыстоны спорты министр дзуæппытæ радтой спртуарзджыты фæрстытæн. Æрдзырдтой физкультурæйы райрæзтыл. Бæстонæй æрлæууыдысты спорты алы здæхтыл дæр. Олег Матыцин фæбæрæг кодта, регионы спортмæ æргом здæхт кæй цæуы, уый бæрæг кæй у, уый.
Республикæ федералон центримæ æнтыстджынæй кусы. Æмгуыстад цæуы спорты райрæзты фарстаты дæр. Разæй нырма бирæ куыст ис. Фæлæ бæлвырд нысæнттæ æмæ хæстæ нысангонд сты, уый та сæйраг у.















