Алагиры сфæлдыстадон къорд “Нарты Зиу” сæрмагондæй равзæрд фестивальмæ. Дыууæ мæйы сæхи бæстон цæттæ кодтой æркастмæ, акодтой æртæ зарæджы. Кæд зарæггæнджытæн æнцон нæ уыд, уæддæр ацы мадзалыл æрлæууынмæ нæ хъавынц, æхсызгонæй архайдзысты фидæны сфæлдыстадон конкурсты.
“Ирон зарæг” ацы аз сæмбырд кодта сæдæ курдиатджын зарæггæнæгæй фылдæры. Се ‘хсæн алы кæры адæм. Иу сæ кæны, ирон зарæгмæ уарзондзинад. Сценæйыл — солисттæ, вокалон къордтæ, дуэттæ, триотæ. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ фестивалы сывæллон-архайджыты нымæц кæй рæзы. Мадзаларазджытæ ма куыд фæнысан кодтой, афтæмæй парахат у зарджыты хыгъд дæр, баст сты алы жанртимæ, сценæйæ зæлынц рагон уацмыстæ дæр.
Æрвылазон фестиваль арæзт æрцæуы Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады æмæ адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары хъæппæрисæй. Ацы хатт æй сбастой Лæгты Дзуармæ кувæн къуыриимæ. Йæ сæйраг нысан – ирон адæмон зарæджы традицитæ бахъахъхъæнын, парахат сæ кæнын рæзгæ фæлтæры ‘хсæн.
Фестиваль рауад ирд æмæ цымыдисаг. Сæ рæсугъд зарджытæй йæ архайджытæ уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой.
Ахæм мадзæлтты фæрцы ирон зарæг, ирон дзырд æмæ ирон фарнæн фесæфæн нæй.
















