Агропромышленон комплексы райрæзт æмæ нацпроекттæ Алагиры районы куыд æххæст кæнынц. Ууыл æрдзырдтой премьер Тускъаты Таймураз æмæ Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен куыстадон фембæлды рæстæг. «Ахуырад»-ы нацпроекты фæлгæты районы цыппар скъолайы байгом кодтой «Точка роста» центртæ.
Ноджы цыппар скъолайы бындуронæй сцалцæг кодтой, балхæдтой дзы ног стъæлттæ æмæ бандæттæ, уыимæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Рамоново хъæуы скъолайы спортивон залмæ бæстонæй базылдысты. Црау æмæ Бирæгъзæнджы куыстытæ цæудзысты ацы аз. Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад районы æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ. Районы уыцы куыст кæнынц 2 мин адæймагæй фылдæр. Æхцайы фæрæзтæй уыцы зилдух фарон районы ызт 2 млрд соммæ. Уый, 2019 азимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр.
Халсартæ æмæ зайæгойты куыстгæнджытыл дзургæйæ, Тускъаты Таймураз бахаста фæндон сæйраг арендаторты архайдмæ лæмбынæг æркæсын. Се ’вæрæн уаид ахадгæдæр, хъæуы цæрджытæн куыст фылдæр куы дæттиккой, уæд. Хаццоны ист зæххы фæрæзтæй фæхуыздæр кæнæн ис районы социалон-экономикон уавæр. Зæххыл æрмæст нартхор нæ, фæлæ ма æндæр культурæтæ дæр садзын хъæуы, бафиппайдта премьер.
















