preloader
сейчас в эфире
23:32
КОТОВСКИЙ (5,6 СЕРИИ) 16+
Смотрите Далее
23:35
МЕСТНЫЕ ЗНАЮТ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КОТОВСКИЙ (5,6 СЕРИИ) 16+
close

РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло раарфӕ кодта Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн хӕсты ветеранты боны фӕдыл

1.07.2026 19:11

Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц хӕстон архайды ветеранты бон.

Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц хӕстон архайды ветеранты бон. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытæн раарфӕ кодта Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ацы бонæн ис сӕрмагонд мидис. Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕхӕдӕг ацыд службӕ ӕмӕ зоны, хӕстон ӕфсымӕрдзинад цы у, уый. Сергей Меняйло фæнысан кодта: Ирыстон кӕддӕриддӕр сӕрыстыр уыд йӕ хъӕбатыр хӕстонтӕй. Абон нæ фæсивæд дарддӕр хъахъхъӕнынц бӕстӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Цӕмӕй ветерантӕ ӕххуыс исой ӕппынӕдзух, уый тыххӕй регионы сарӕзтой ӕххӕстгӕнӕг хицауады ног оргӕн. Уый у хӕстон архайды ветеранты ӕмӕ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддӕгты комитет. Ног бæрнады хæс — тагъд ӕмӕ хӕрзхъӕд ӕххуыс. “Бузныг уæ фӕразондзинад æмæ лæгдзинды тыххӕй. Фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ амонд зæгъы мæ зæрдæ сымахӕн ӕмӕ уӕ бинонтӕн”, — бафтыдта регионы разамонæг.
Абон — сӕрмагондӕй мӕнӕн егъау мидисӕй дзаг чи у, уыцы датӕ — хӕстон архайды ветеранты бон.
Ацы бон мах дзурӕм бузныг, алы азты хӕстон хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, нӕ бӕстӕ, адӕмы, Уӕрӕсейы интерестӕ чи хъахъхъӕдта, уыдонӕн.
Ирыстон кӕддӕриддӕр кадджын уыд тыхджын ӕмӕ хъæбатыр адӕймӕгтӕй. Мах сӕрыстыр стӕм нӕ ветерантӕй, нӕ хӕстонтӕй. Уыдон абон дӕр ӕххӕст кӕнынц хӕстӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы бынаты.
Ӕз хорз зонын, ӕфсӕддон службӕ, хӕстон ӕфсымӕрдзинад ӕмӕ ӕмбӕлтты бӕрны цæуын цы сты, уый. Зонын, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ветерантӕн канд бæрæгбонты ма кæной æххуыс æмæ кад. Уымӕ гӕсгӕ Хӕстон архайды ветеранты ӕмӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддӕгты фӕдыл комитет саразыны тыххӕй уынаффæ рахастон. Ӕххӕстгӕнӕг хицауады ног оргӕн ӕнӕмӕнг у, цæмæй хъæугæ æххуыс афоныл ӕмӕ хӕрзхъӕд уа.
Бӕрӕгбоны арфӕтӕ кӕнын алкӕмӕн дӕр. Бузныг уын уӕ фӕразондзинад, уæ лӕгдзинад ӕмӕ уæ хӕсыл иузӕрдион кӕй стут, уый тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ амонд сымахӕн ӕмӕ уӕ бинонтӕн.
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Поэт ӕмӕ дубляжы актер I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.07.2026
Елена Седышева и Дмитрий Седышев I Дело мастера
1.07.2026
О героях и добрых делах I Среда влияния
1.07.2026
День смеха I Доброе утро, Осетия!
1.07.2026
Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон, хъазахъхъæгты æхсæнады 30 азы æмæ ирон цыхты хуызтæ | Йæ рæстæгыл
30.06.2026
Дарг-Кох I Вокзал для двоих
30.06.2026
Управляющие компании | По факту
30.06.2026
Алла Абиева I Профессиональный путь
30.06.2026
Социалон хызтæ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.06.2026
Лето в самом разгаре I Самое время
29.06.2026
Один из способов изготовления кобанских металлических предметов I Ossetica
29.06.2026
Летние ловушки на дороге: чего стоит избегать I Вместе за безопасность
29.06.2026
Прощание со школой! I Доброе утро, Осетия!
29.06.2026
В итоге: 28.06.2026
28.06.2026
Недоношенные дети I Медикум
28.06.2026
Все рекомендуемое