preloader
сейчас в эфире
14:57
Ах, любовь! 12+
Смотрите Далее
15:10
Бæрнон ныхас 12+
16:00
Тайны Мамисона 12+
16:20
Музыкæ 12+
17:00
Поэтический спектакль "К свету" 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Ах, любовь! 12+
close

РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Чочиты Батраз ныр 30 азы аразы æмæ цалцæг кæны музыкалон инструменттæ

24.02.2022 13:24

Сæрмагонд ахуырад æм нæй. Йæ фæндырдзагъдæй та адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардта.

Йæ къухты рагон фæндыр дæр ног зæлтæй байдзаг вæййы. Чочиты Батраз ныр бирæ азты аразы æмæ цалцæг кæны музыкалон инструменттæ. Сæрмагонд ахуырад æм нæй. Йæ фæндырдзагъдæй та адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардта. Батразы стырдæр бæллиц уыд хореограф суæвын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Абон æй иууылдæр зонынц диссаджы æрмдæсныйæ.


Чочиты Батраз алы зæлнысанмæ дæр бæстонæй хъусы. Дæсны йæ уайтагъд раиртæста фæндыры уымæллад кæй бахъыгдæрдта, уый. Адæмон кæфтыты ансамбль «Елхот»-ы минæвæрттæ Дзæуджыхъæумæ сæрмагондæй ссыдысты Чочиты Батразмæ. Бæлвырдæй йæ зонынц 30 азæй фылдæр сæ ансамбль цы фæндырæй пайда кæны, уый ныр аивдæр кæй суыдзæн.

Чочиты Батраз ирон фæндыр аразы æмæ цалцæг кæны ныр къорд азы. Сног кодта бирæ фæндыртæ. Йæ ном зынгонд у канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма æндæр горæтты дæр.

Йæ равзæрст дæсныйадыл Батраз никуы фæфæсмон кодта. Æнæ йæ уарзон куыстæй йæ цард уынгæ дæр нæ кæны. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, фыццаг хатт инструмент йæ къухмæ æрыгонæй райста.

Афтæмæй, йын æрдзæй цы курдиат лæвæрд æрцыд, уый фæрцы йæхæдæг инструментыл цæгъдын сахуыр ис. Йæ арæхстдзинад ын стыр æххуыс уыд Кæсæг-Балхъары æвзонг музыкантты конкурсы уæлахиздзау суæвынæн. Музыкалон ахуырад райсын йæ къухы афтæ дæр нæ бафтыд.

Батразы фыдмæ йæ фырты бæллицтæ раст нæ фæкастысты. Райсын ын кодта аразæджы дæсныйад. Фæлæ техникумы ахуыр кæнгæйæ дæр йæ уарзон куыст нæ ныууагъта. Кафыд ансамбль «Кабардинка»-йы. Фæстæдæр æй фæхуыдтой ансамбль «Иристон»-мæ концертмейстерæй. Фæлæ ахсджиагдæр цауыл йæ царды нымайы Баййаты Альбинæимæ куы базонгæ ис, уый. Фæхуыдта йæ фæндырæй цæгъдынмæ ансамбль «Алан»-мæ. Ирон фæндыры азæлд æм кæддæриддæр диссаг каст. Уыдис æм бæллиц — национ инструменттæ аразын. Уый фæдыл сæрмагондæй Тулæмæ дæр ацыд, баянты заводмæ, фæндыд æй сæ аразыныны сусæгдзинæдтæ базонын.

Батразы фидæнмæ нысæнтæ иууылдæр куыстимæ баст сты. Фæнды йæ цæмæй ирон фæндыры азæлд зæрдæйæн æхсызгон чи сты, уыцы национ мелодитæм фæхæстæгдæр уой.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Аланы в Китае | Ход истории
14.08.2026
14.08.2026 | Хæдзарадон
14.08.2026
Медовый Спас! I Доброе утро, Осетия!
14.08.2026
Бизнес сфера I 13.08.2026
13.08.2026
Ирон чат. Æгайт ма! I 13.08.2026
13.08.2026
13.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.08.2026
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
ИИ: Технологическая сингулярность I Среда влияния
12.08.2026
Доброе утро, Осетия! I 12.08.2026
12.08.2026
11.08.2026 I Бæрнон ныхас
11.08.2026
Ася Цаликова I Профессиональный путь
11.08.2026
Театр «Шкит»-ы ӕмӕ фæлтæрджын риелтор I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.08.2026
Все рекомендуемое