Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ дарддæр иуварс кæнынц Æрыдоны районы цы авари æрцыд, уый. Æхсæвæй Бехъаны цады ауазӕнтӕй иу ратыдта. Æрхауд доны æмвæзад. Тæссаг уавæры сты кæсæгтæ дæр. Уавæр сбæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Ацы кадрты зыны, цадæй дон ададжы уылты, бæлæстæ хæсгæйæ, куыд гуылф кæны, уый. Раздæр æй урæдта ауазæн. Æнæнхъæлæджы цауы аххосаг — донхæрд. Фæндаджы уавæры тыххæй йæ къорд рæстæг аиуварс кæнæн нæ уыд. Куыд фæстиуæг — цады æмвæзад 3 метрмæ хæстæг æрхауд.
Авари æрцыд дысон 11 сахатыл. Специалисттæ æнæхъæн æхсæв архайдтой доны цыд бауромын. Æххуыс сын кодтой бынæттон цæрджытæ дæр. Сыхаг районтæй ластой змис.
Бехъан у — æнахуыр æрдзон æмæ экологон объект. Ис дзы æрмæст суадоны дæттæ. Уымæ гæсгæ, хъæздыг у кæсагæй дæр. Дамбæ кæй ратыдта, уый тыххæй Теркмæ ивгъуыйынц æмæ уым мæлынц.
Бынаты ныртæккæ кусынц 30 специалисты æмæ уæззау техникæйы 20 иуæджы. Æмбæлынц къуылымпыдзинæдтимæ дæр, фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ, абон куыстыты æмбис сæххæст кæндзысты. Райсом та авари фæнд кæнынц кæронмæ аиуварс кæнын.
















