Цæгат Ирыстоны сарæзтой акци. Снысан æй кодтой, æппæт дунейы СПИДæй чи амард, уыцы адæмы мысæн бонмæ. Октябрскæйы дохтыртæ лабораторийы адæмæй систой туг. Йе `нæниздзинад сбæрæг кæныны бар уыд алкæмæн дæр. Æппæт иртæстытæ дæр радтæн ис æно ном нысангæнгæйæ æмæ лæвар. Нæ республикæйы ахæм акцитæ сты хъæугæ. СПИДы ныхмæ центры дохтырты бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1994 азыæй нырмæ Цæгат Ирыстоны ацы низы амæттæгтæ баисты 500 адæймаджы.
Æппæт дунейы æнæниздзинад хъахъхъæныны ассоциацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зæххы къорийыл ацы низимæ цæры 42 милуан адæймаджы. Æрвылбон сыл æфты 14-15 мин адæймаджы. Сæ фылдæр сты æрыгон адæм. Фæстаг 25 азмæ СПИДæй амард 25 милуан адæймаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрымысынц сæ æрвылаз майы æртыккаг хуыцаубоны. Ацы аз æрцыд 19-æм маймæ. Уыцы бон Дзæуджыхъæуы æмæ районты базарадон центрты кусдзысты лабораторитæ.
















