Сæрмагонд медицинон фæкаст Республикæйы тагъд æххуысы клиникон рынчындоны ныр уыдзæн хуыздæр. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад медицинон уагдонæн балхæдта ног кусæнгæрзтæ. Узи-аппарат кæй хонынц, уый, æмæ гастроскоп. Бахъуыди сыл 3 млн сомæй фылдæр схардз кæнын. Ныр дохтыртæн фадат ис иртæстытæ ноджы бæстондæрæй аразынæн. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат ног кусæнгæрзтыл йæ цæст ахаста. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты.
Дзыхъынног æмæ бирæвæрсыгон гастроскоп. Æмбал дæр ын нæй, зæгъы тагъд æххуысы рынчындоны эндоскопийы хайады сæрдар Хуыбецты Раминæ. Æрбаластой йæ æрæджы. Зæронд кусæнгарзæй дæр пайда кæнынц, фæлæ ног уымæй дыууæ хатты хуыздæр у. Йæ гæнæнтæ уæрæхдæр сты.
Иртæстыты уайтагъддæр разыныныц мониторыл. Сæ фæрцы ис, буар хъыгдард цы ран баййæфта, уый ноджы рæвдздæр рабæрæг кæнын æмæ медицинон домæнтæ дарддæр бæлвырдæй æххæст кæнын.
Узийы аппарат дæр сæвæрдтой къорд рæстæджы размæ. Пайда дзы ныридæгæн кæнынц. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ахæм нырыккон домæнтæн дзуапп цы аппарат дæтты, уый æххуыс кæны тагъддæр æмæ æнтысджындæр.
Ног аппаратæн ма ис ралас-балас кæнæн дæр. Зæрдæмæ хъусæн ныр ис рынчыны уаты цур дæр.
Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ алы бон дæр бахауы 10 адæймаджы. Уыдонæн, æнæмæнг, хъæуы баххуыс кæнын. Æнæ ахæм сæрмагонд аппаратты фæрцы, æнæниздзинад бахъахъхъæнын хуыздæр æнтысы. Уавæр хуыздæрырдæм ивы. Ныр адæймаджы æххуысагур цæуын нæ хъæудзæн æндæр рынчындæттæм, суанг ма иннæ республикæтæм.
Гогаты Марат, Кодзаты Заур – Ирыстоны Хабæрттæ.
















