Амалхъом адæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонæн сæ фæдзæхстадон стаж нымад цæудзæн дывæрæй. Указ бафыста Уӕрӕсейы премьер-министр Михаил Мишустин.
Уымæй уæлдай, мобилизацийы чи ис, уыцы амалхъом адӕмы суæгъд кодтой дзуаппдӕттӕн статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕ цӕттӕ кӕнынӕй. Амалиуæггæнæг, кæнæ куыстуаты иунæг разамонæджы бæрæггæнæнтæ Росстатмæ æрвитдзæн хъалонисæн федералон службæ.
Хицауады хъуыдымæ гæсгæ ахæм æххуысы мадзæлттæ сты хъæугæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мобилизацийы чи ис, уыцы амалхъом адæмы хъалонтæ æмæ фæдзæхстадон фиддонтæ хæссыны фæтк раздæр хицауад кæй аргъæвта, уый.
















