“Донорство æнгом кæны” ныхæстæ хуымæтæг не сты. Афæдзмæ авд мин пациенты, æмæ 6 тоннæйæ фылдæр туг — ардæм туг раттынмæ иу хатт не ‘рбацæуынц, уый свæййы царды уаг.
Цомартаты Владимир донорты ‘хсæн у æцæг рекордсмен. 202 донацитæ – 95 литры туг. Уыйбæрц фаг уаид салдæтты æнæхъæн ротæйæн. Æппæтдæр райдыдта 2009 азы, уæд бархион фыццаг хатт æрбацыд станцæмæ.
Æнæмæнг, Владимир стыр æвæрæн бахаста, фæлæ уый иунæг нæу – мæймæ туджы станцæ балæггад кæны мин адæймагæй фылдæрæн. Доноры код хуымæтæг хæрзиуæг нæу, уый бæлвырд кæны ахсджиаг, егъау куыст.
Мæнæ абон дæр станцæйы бирæ адæм ис. Чи туг фыццаг хатт дæтты, чи та ныр дӕсӕм ӕмӕ суанг сӕдӕйӕм хатт, фӕлӕ се ‘ ппӕты дӕр æнгом кӕны иу хъуыддаг — баххуыс кӕныны фæндон. Ам ӕппӕт фадӕттӕ дӕр арӕзт ис, цӕмӕй алцы æнцонвадт уа.
Донор суæвын зын нæу. Уый тыххæй хъæуы æмбæлгæ документтæ бафыссын, дохтырмæ æркаст ацæуын æмæ донацимæ бацæттæ кæнын.
470 миллилитры бирæ нæу, фæлæ хатгай фаг вæййы адæймаджы аирвæзын кæнынæн. Аваритæ, æнæнхъæлæджы цаутæ, уæззау операцитæ – туг алы ран дæр хъæуы.
















