Бæрæгбоны фыстæджытæ æмæ нывтæ зæрдæйæн æхсызгон ныхæстимæ. Сабитæ сæ сæхæдæг бацæттæ кодтой. Ахæм хуызы сæ фæндыд нæ æфсæддонтæн æхсыгондзинад æрхæссын. Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæй бирæтæн сæ хæстæджытæ ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц. Уымæ гæсгæ Ног азы бæрæгбонмæ лæвæрттæ бацæттæ кæнынмæ фæстæ нæ фæллæуыдысты. Баххуыс сын кодтой хистæртæ дæр. Адджинæгтимæ чыргъæдты — хъарм цъындатæ. Се ‘ппæтмæ дæр ис æрмæст дæр иу бæллиц.
Зæрдиагæй гуманитарон æххуыс æмбырд кæнынц Уæллаг Бирæгъзæнджы моладзандоны бæрны хæдзар “Ромашка”-йы кусджытæ дæр. Ног азы агъоммæ районы скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, бархионтæ æмæ амалхъомтæ тохы быдырмæ æрвитынц хойрæгтæ, цæхджынтæ, хъарм уæлæдарæс, мыдадзын цырæгътæ. Наталья Пархоменко Черкесскæй ссыд. Архайы гуманитарон æххуыс æмбырд кæныныл. Æмзонд бархионтимæ зонгæ кæны социалон хызæгты уылты. Ныридæгæн уыд Краснодары æмæ Стъараполы крайы. Цæгат Ирыстонмæ сласта йæ хæдтулгæйы дзаг дзаумæттæ. Хойрæгтæ, нымæтын æндæхтæ æмæ сугæй æндзаргæ пец. Сæрмагондæй сæ нæ æфсæддонтæн æрбаластой Армавирæй.
Хæстæг рæстæг Адæмон фронты активисттæ гуманитарон æххуыс фæхæццæ кæндзысты нæ æфсæддонтæн. Æрæмбырд æй кодтой проект “Все для победы” Алагиры районы администраци æмæ парти “Иугонд Уæрæсе”-йы уæнгтимæ.
Ног азы бæрæгбонмæ ма баззад чысыл рæстæг. Хæрзгæнджытæ сæ хæсыл нымайынц, цæмæй нæ æфсæддонтæ ног азы бæрæгбоныл сæмбæлой гыццыл хъæлдзæгдæрæй, банкъарой сын сæ зæрдæты хъарм.
















