Санкт-Петербургы æппæтадæмон экономикон форумы дыккаг бон кæронмæ фæхæццæ кæны. 17 мин архайæджы 130 регион æмæ бæстæйæ. Ацы аз арæзт æрцыд 26 хатт. Уал азмæ мадзал сси егъау. Æрныхас дзы кæнынц экономикæйы фарстатыл. Нæ республикæ ныридæгæн бафыста цалдæр ахсджиаг бадзырды. Абон кадджын уавæры байгом нæ регионы стенд дæр. Республикæ равдисдзæн экономикæйы къабæзты хъомыс.
Абон Цæгат Ирыстоны стенд абон уыд бæрæгбон хуыз. Кадджын уавæры байгом презентаци æмæ аивадон программæйæ. Фондз минуты дæргъы Мариинаг театры артисттæ дисы ‘фтыдтой мадзалы архайджыты. Артисттæ кафты хуызы равдыстой Цæгат Ирыстоны ивгъуыд æмæ йæ фидæн. Уыцы иу рæстæг экраныл æвдыстой республикæйы хъæздыг историйы тыххæй видеормæг. Нæ, культурæ, нæ алæмæты рæсугъд æрдз æмæ культурон цыртдзæвæнты тыххæй
«Мамысоны» курорты проекты райрæзтыл Сергей Меняйло кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодта Кавказ.Рф-ы генералон директор Андрей Юмшановимæ. Курорты райдыдтой арæзтадон куыстытæ. «Мамысон» у раззагдæр проект канд регионы нæ, фæлæ æгас бæстæйы дæр. Йæ социалон, туристон æмæ экономикон хъомыс сты егъау. Андрей Юмшанов куыд фæнысан кодта, афтæмæй 2024-æм 2025-æм азты сезонмæ Мамысон хъуамæ фыццаг туристты райса.
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн «карта жителя». Кусдзæнис фиддонты системæ «мир»-ы бындурыл. Абон æппæтдунеон экономикон форумы фæзтæй иуыл республикæ æмгуыстады бадзырд бафыста дзуапдæттæг акционерон æхсæнадимæ. «Карта жителя»-йы руаджы пайдагæнджытæ исдзысты уæлæмхасæн лæггæдтæ.
Цæгат Ирыстоны хицауад ма æмархайды фæдыл сæрмагонд гæххæт бафыста зонындзинæдты центр «Машук»-имæ. Уый у иумæйаг проект уæрæсейаг æхсæнад «Знание» æмæ Росмолодеж-имæ архайгæйæ. Бадзырды руаджы уыцы иу рæстæг рæздзысты ахуырады системæ, фæсивæдон политикæ, æмбæлгæ æххуыс уыдзæн проекттæ æмæ хи хъæппæристы райрæзтæн. Ныртæккæ регионы цæуы ахуырады системæйы модернизаци. Ахсджиаг у алы къæпхæны йын йæ хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæнын. Петербургы æппæтадæмон экономикон форумы фæзтыл ацæудзæн 140 мадзалæй фылдæр. Пайда уыдзысты регионты æмæ егъау куыстуæтты райрæзтæн.
















