preloader
сейчас в эфире
23:33
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Абон фæссихор ныккалдта тыхджын къæвда ихимæ

15.06.2023 20:00

Боныхъæды аххосæй сæхгæдтой «Дзæуджыхъæу-Цыкола-Лескен» фæндаджы уадздзаг. Паддзахадон автоинспекци сиды шофыртæм, цæмæй къæрцхъусдæр уой.

Абон фæссихор ныккалдта тыхджын къæвда ихимæ. Æнæнхъæлæджы цауты фæдыл къамисы сæрмагонд æмбырды куыд фехъусын кодтой афтæмæй Горæтгæрон районы æнæ электрон тыхæй баззадысты Джызæлы æмæ Архонкæйы кæцыдæр уынгтæ, уыимæ Дæллаг Саниба æнæхъæнæй. Ираныхъæуы та донцъирæны æрцыд авари. Специалисттæ æвæстиатæй кусын райдыдтой фарстатæ аиуварс кæныныл. Уый тыххæй хъусын кæнынц оперативон штабы æмбырды. Дзæуджыхъæуы цалдæр уынджы æнæ электрон тыхæй баззадысты. Горæты уынгтæ та доны бын фесты. Тыхдымгæ бæлæстæ æд уидæгтæ стыдта.

Специалисттæ кусынц фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Æнæнхъæлæджы цауты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм боныхъæд ахæсдзæн цалдæр боны. Тæссаг у тыхджын дымгæ, тæрккъæвдатæ æмæ ихуардæй. Цæугæдæтты та тæссаг у донивылдтытæй. Хæхты ранæй-рæтты рацæудзысты ламидæттæ. Боныхъæды аххосæй сæхгæдтой «Дзæуджыхъæу-Цыкола-Лескен» фæндаджы уадздзаг. Паддзахадон автоинспекци сиды шофыртæм, цæмæй къæрцхъусдæр уой.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзассохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ, посты куыст æмæ чиныгкæсæджы бон | Йæ рæстæгыл
9.10.2026
Бонвæрнон I 09.10.2026
9.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 09.10.2026
9.10.2026
Бизнес сфера I 08.10.2026
8.10.2026
Актёр Исса Дауров, медведи у жилых домов и актуальные новости недели | Самое время
8.10.2026
08.10.2026 | Ирон чат
8.10.2026
Туаты Мӕдинӕ I Ӕрмадз
7.10.2026
Все рекомендуемое