Хæдтулгæтыл ерысæй уайын Бестауты Хетæджы йæ сабибонтæй фæстæмæ фæндыд. Иттæг стыр тагъдад æмæ сæрибардзинадмæ бæллиц лæппуйы уæгъд никуы уагътой. Цыдæриддæр хæдтулгæтимæ баст кинонывтæ ис, уыдонмæ иууылдæр бакаст. Æмæ кæд йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр сты, уæддæр йæ бæллицыл йæ зæрдæ не сивта æмæ йæм тырны. 20-æм сентябры Хетæг фыццаг хатт архайдта спартакиадæйы, райста дыккаг бынат.
Ерысты архайдтой 5 командæйы. 50 лæппу æмæ чызгæй фылдæр сæхи фæлвæрдтой цæрдæгдзинад, рæстдзæвиндзинад, тагъдад æмæ цыргъзонддзинады. Цалдæр къæпхæны, æмæ дзы алкæцыдæр йæхирдыгонау зын, фæлæ цымыдисаг. Стъолыл хъæзтытæ, къори æппарын, хоккей, дартс. Æппæтæй хъæлдзæгдæр рауад эстафетæ. Хъуамæ лæдзæгимæ цæджындзы алыварс æрзилай æмæ йæ иннæ архайæгмæ бадӕттай.
Мадзалы сæйраг нысан — зындзинæдты размӕ фидар лæууын. Æмæ фæсвæдæн уый сæ къухы æфты. Спортивон æнтыстдзинæдтæ та сæм иу æмæ дыууæ нæй. Иннæты æмхуызон хъазынц, хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц, цин кæнынц уæлахизтыл. Сты ныфсхаст æмæ хæларзæрдæ.
Ахæм хъæлдзæг ерыстæ фæсивæдæн саразынц æрвылаз. Расиды сæ сывæллæтты реабилитацион центр “Алания”. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, тынг ахсджиаг сты. Æххуыс кæнынц сывæллæтты социалон-психологон реабилитаци æмæ сфæлдыстадон райрæзтæн.
















