preloader
сейчас в эфире
12:40
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. СУАНТЫ ХЪАЗЫБЕГ 12+
14:30
МОЙ ВЛАДИКАВКАЗ 12+
15:00
ВКУС ГРАНАТА (14-АЯ СЕРИЯ) 16+
16:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ 12+
close

Тыхджын уарынтимæ «тох»

27.02.2018 17:23

Уалдзæг тагъд йæ тæмæны бацæудзæн, уарынтæ фемæхсдзысты.

Дзæуджыхъæуы цæрджыты тас хуымæтæджы нæ бацыд – фароны ласгæ донивылдтытæ ма хорз хъуыды кæнынц. Уæд Дзæуджыхъæуы уынгты къæвдайы доны лæсæнтæй азмæлæн нал уыд. Цæмæй ивгъуыды уавæр ма сфæлхат уа, уыйтыххæй бæрнон кусджытæ сæ хъус дарынц сыгъдæггæнæнтæм. Сæйрагдæр уый у, цæмæй чъизидзинæдтæ Теркмæ ма бахауой. Дондзæуæнтæ ссыгъдæг кæнын куыстытимæ базонгæ нæ уацхæсджыты къорд дæр.

Дзæуджыхъæуы уынгты чъизи дон ам æрымбырд вæййы. Уый фæстæ цæуы фильтртимæ сыгъдæггæнæтæм. Сæйрагдæр уый у, цæмæй чъизидзинæдтæ Теркмæ ма бахауой æмæ экологон домæнтæн дзуапп дæттой. Дон сыгъдæг кæнынц цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг уал ауадзынц ставд сасиры хуызæн 4 æфсæнхыз. Уым ныббадынц дæтты цы бырон æмæ чъизидзинæдтæ ис. уыдон. Сæмбырд кæнынц горæты канализацитæй цы бырæттæ сæмбырд вæййынц, уыдон. Уый фæстæ дон баивылы æмбырдгæнæн бункермæ. Уым æрбадынц æппæтæй лыстæгдæр чъизидзинæдтæ. Уый пъланмæ гæсгæ. Хъыгагæн, иуæй-иу хатт доны вæййынц сыгъдæггæнæнты куысты чи къуылымпы кæны æмæ сæ чи сæтты. ахæм лыстæг хъæбæр бырæттæ æмæ буарыгъæдтæ.

Дон сыгъдæггæнæн дыккаг къæпхæн – биологон. Йæ фæрцы марынц алыхуызон зианхæссæг микробты. Фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ биологон куыст хуыздæр хъуаг у. Бæстыхæйттæ цалцæггæнинаг сты.

«Нæ горæты администраци кусы ацы фарстатæ алыг кæныныл. Ростовæй æрбахуыдтам проекттыл чи кусы, уыдоны. Уыдоны нын баххуыс кæндзысты сыгъдзæггæнæнты куыст фæхуыздæр кæнын. Уæд дон ноджы сыгъдæгдæр уыдзæн. Ныр та уал цæмæй зианхæссæг бырæттæ айсæм, уый тыххæй кусæнгæрхтæ хъæуы цалцæг кæнын», – Ногиры 1-æм сыгъдæггæнæты хицау.

Æмæ ма иу фарста – къæвдайы донуадзæнтæ. Уарынты рæстæг æххæстæй нæ кусын. Горæты уынгты ис доныхъаймæт фенæн. Ацы фарста алыг кæныныл 2 азы архайы куыстуат «Владсток». Сæразмæ ис бæлвырд хæс – цыбыр рæстæгмæ уынгты дондзæуæн системæ банывыл кæнын, цæмæй уа домæнтæм гæсгæ.

Ныридæгæн Ватутины, Барбашовы, Хъесаты Астаны, Джанайы -фырты номыл уынгты къæвдадондзæуæн системæмæ базылдысты. Фæлæ ууыл не рлæудзысты. Пъланмæ гæсгæ ма банывыл кæндзысты цалдæр уынджы. Уый та афоныл бакæнын хъæуы – цалынмæ къæвдаты рæстæг нæ райдыдта, уæдмæ. Уыимæ ма специалисттæ бакусдзысты æндæр фарстатыл дæр.

Горæты администраци дæр сын æххуыс кæны. Сæ æмгуыстад та дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Цавæр сты, уый уалдзæджы фендзыстæм.

Пелиты Сабинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзассохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ, посты куыст æмæ чиныгкæсæджы бон | Йæ рæстæгыл
9.10.2026
Бонвæрнон I 09.10.2026
9.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 09.10.2026
9.10.2026
Бизнес сфера I 08.10.2026
8.10.2026
Актёр Исса Дауров, медведи у жилых домов и актуальные новости недели | Самое время
8.10.2026
08.10.2026 | Ирон чат
8.10.2026
Все рекомендуемое