Хъæбæр коммуналон хауæццæгты къабазы коррупцийы ныхмæ тох кæныны фарстатыл æрныхас кодтой республикон дзуапдæттæг къамисы æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны хæуæццæгтæ æмбырд кæныны куыст кæнынц дыууæ регионалон операторы – «Чистый город» ӕмӕ «ЭРА». Фæстаг дыууæ азмæ цæрæнбынæтты цур ӕрӕвӕрдтой мин ног контейнерæй фылдæр. Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, арæзтадон хауæццæгтыл бакусыны инфраструктурæ Цæгат Ирыстоны нæй. Фарста аиуварс кæнынæн хъæуы 163 сæрмагонд фæзы, хауæццæгты стыр хуызтæ кæм бацæудзæн, ахæмтӕ. Ноджы ма иу аиуварсгæнинаг фарста – æнæзакъон бырондæттæ. 20-æм мартъийæ 22-æммæ нæ республикæйы рабæрæг кодтой 79 ахæм бынаты. Сергей Меняйло бабар кодта дзуапдæттæг министрадæн, цæмæй ма уадзой ахæм бырондæттæ æвзæрын кæнын, районты сæргълæуджытæн та – бæстондæрæй цæрджытимæ кусын.
















