Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары сарæзтой нымæт уæрдынæй дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Ирон национ къухвæллой бацамыдтой Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты студенткæтæн. Сæйраг нысан у – национ сфæлдыстады хуызтæ сæндидзын кæнын æмæ бахъахъхъæнын. Цæмæй сурæтгæнæн аивад æмæ æрмдæсныйадæй фылдæр адæм архайой, уый тыххæй Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар æппынæдзух æрбахоны алыхуызон дæсныты. Чертхъоты Дареджаны разамындæй нымæтын хъуырæгънæг сарæзтой 7 адæймаджы.
Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары бындурыл кусы цыллæ кæлмæрзæн бийыны скъола дæр. Ахуыр дзы кæнынц хъуымацæй æмæ урс æлыгæй куклатæ кæнын дæр. Уымæй уæлдай, хи бафæлварæн ис хъæдыл нывæфтыдтæ кæнын, æндæхтæй нывæфтыдтæ аразын æмæ хъуымац уафыныл.