Республикæйы нæ фаг кæны медицинон туаггуыр ласынæн хæдтулгæтӕ. Уый тыххæй фехъусын кодтой оперативон штабы æмбырды. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис 3 хæдтулгæйы, фæлæ уыдон фаг не ‘сты. Туаггуырæй æххæст кæныны фарстамæ æркæсын кæй хъæуы, уый фæнысан кодта республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Мытцыты Астан. Куыд радзырдта, афтæмæй иу бонмæ сæ медицинон куыстуат схардз кæны 11 тоннæйы.
Сæ туаггуыры æвæрæнтæй та сæ бон пайда кæнын у иу бон æмæ ‘рдæг. Фæлæ фæстаг рæстæг туаггуыр ласæн хæдтулгæ æрбахæццæ вæййы, рынчындоны æвæрæнтæй 2-3 сахаты спайда кæныны фаг йедтæмæ куы нал вæййы, уæдмæ. Сергей Меняйло фæнысан кодта, республикæйы ацы хъуыддаджы фæтк бæлвырдгонд кæй хъуамæ уа, стæй, æнæмæнг, туаггуыры уæлæмхасæн æвæрæнтæй æнæхъæлæджы уавæрты рæстæг спайда кæнæн куыд уа.
Республикæйы сæргЬлæууæг бабар кодта Мæздæджы районы æфсæддонтимæ баныхас кæнын, æмæ туаггуыры уæлæмхасæн балонтæ арвитын Республикон клиникон рынчындомæ. Æмбырды ма фехъусын кодтой, респубикæмæ цы ног тагъд æххуысы хӕдтулгӕтӕ æрбарвыстой, уыдон кусынмæ кӕй нæма рацыдысты. Уымӕн аххосаг – сæрмагонд документтæ кæронмæ кæй нæма бацæттæ кодтой Уæрæсейы базарад æмæ промышленносты министрадимæ. Министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæн Сергей Меняйло бабар кодта фарстайыл цыбыр рæстæгмæ бакусын.