Уæрæсейы 36 регионы ныридæгæн райдыдта хъармгæнæн сезон. Нæ республикæйы цæрджыты хӕдзӕрттӕ хъарм кæнын райдайдзысты 15 октябры. Боныхъæды бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, уымӕ гӕсгӕ, хъармгæнæн системæ уымӕй раздӕр не скусдзæн. Зымæгмæ цæттæгæнæн рæстæг, уый хыгъды ма фæззыгон-зымæгон рæстæджы сæрты ахизыны фарстатæ кæдфæндыддæр сты сæйраг. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Ирыстойнаг районы Кутузовы номыл уынджы хъармгæнæн куыстуат у æппæты стырдæр. Сезоны дæргъы дзы кусы дыууæ аджы, дыууæ та дзы сты резервы. Афтæмӕй куыст фæрогдæр, специалистты ныхæстæм гæсгæ. Бахъуаджы рæстæг сæ раивæн дæр вæййы. Хъармгæнӕн уат ӕнӕхЬӕнӕй дӕр у автоматизацигонд. Ахӕм хуызы куыст хъæрзхъæддæр кæны, уæдæ йӕ хæрзтæ дæр къаддæр сты.
Ацы хъармгæнæн куыстуат ӕххæссы куыд бирæуæладзыгон хæдзæрттыл, скъолатыл, афтæ сывæллæтты рæвдауæн дæттыл. Æдæппæтæй сты 60. Фаронӕй нырмӕ ам нæдæр хъармимæ, нæдæр хъарм донимæ къуылымпытæ нӕ сӕвзæрд. Аиуварс-иу кодтой, хъармгæнæн хызты-иу цы тæссаг уавæртæ æвзæрд, уыдон дæр. Ныридæгæн республикæйы ис 191 хъармгæнæнæн уаты , иуылдæр сты цæттæ.
Хъармгæнæн рæстæг райдайдзæн 15 октябры. Дарддæр алцыдæр аразгæ у уæлдæфы температурæйæ. Кæд 5 боны фæд-фæдыл температурæ 9 градусæй ныллӕгдӕр уа, уæд хъармгæнæн системæ йæ куыст райдайдзӕн.