Абон йæ 85 азы юбилей бæрæг кæны Дудиаты Владимир. Уый фæдыл ын арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Дудиаты Владимирæн йæ къухы бафтыд бирæ сгуыхтдзинæдтæ. Удуæлдай куысты тыххӕй йӕ æгæрон уарзтæй уарзынц йе `мзæххонтæ дæр. Телеуынынады легендæ æмæ Ирыстоны культурæйы намыс.
Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны телеуынынады райрæзт фидарæй баст у Дудиаты Владимиры номимæ. Йæ цæсгом, йæ хъæлæсæй æрыгон специалисттæн сси дикторы дæсныйады эталон. Юбилярæн регионы разамонæг загъта бузныг йæ æнтыстджын куысты тыххӕй. Раарфӕ йын кодта, цæмæй ма бирæ азты æнæниз уа æмæ сфæлдыстадон куыстæй йæ зæрдæ райа.
















