Сергей Меняйло архайдта, Владимир Путины разамындæй цы æмбырд ацыд, уым. Видеобастдзинады руаджы ныхас цыд скъолаты бындурон цалцæджы федералон программæтыл.
Цæгат Ирыстоны сæ фæлгæты дыууæ азмæ бындуронæй сцалцæг кодтой 66 скъолайы. Ахуырадон уагдæтты сног кодтой техникон базæ, базылдысты хæрæндæттæм. Ноджы ма 51 скъолайы сцалцæг кæндзысты хæстæгдæр æртæ азмӕ. Ахæм егъау рацарæзт регионы скъолаты нæ уыд дæсгай азты дæргъы. 2024-æм азы бавналдзысты 26 ахуырадон уагдоны цалцæгмæ. Æдæппæтæй сыл схардз кæндзысты 6 млрд сомы. Владимир Путин æмбырд гом кæныны рæстæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй сывæллæттæн ног, нырыккон æмæ цымыдисаг уавæртæ аразын ахсджиаг кæй у. Куыд ма бафтыдта, афтæмæй хæстæгдӕр рæстæг кæронмæ сæххæст кæнын хъæуы бæрзонд интернетæй ифтонгад. Уæлдай æргом аздæхта ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæнынадмæ. Расидтис фылдæр æргом здахын скъолаты сфæлдыстадон змæлдмӕ, нывкæнынады æрмадзтæ æмæ бархионты центртæм.
















