Сергей Меняйло фембæлд, батальон «Алани»-йы бархионтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтимæ. Хъæбатырты хæстæджытæн ракодта тæфæрфæс æмæ сын радта хæрзиуджытæ. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, бархионтæ уæлдай кады аккаг сты, уыдон сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ ацыдысты барвæндонæй, сæ райгуырæн бæстæйы сæрибар фидæныл хъуыды кæнгæйæ.
Æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ хъæбатырдзинад, ныфс æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ Лæгдзинады ордентæй сæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыдысты батальон «Алани»-йы бархионтæ: Багаты Ацæмæз, Хъарадзауты Георгий æмæ Цхуырбаты Ролланд.
















