Сергей Меняйло фембæлд Евгений Вахтанговы номыл паддзахадон академион театры директор Кирилл Крокимæ æмæ Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады сæрмагонд программæ «Культурæ»-йы разамонæг Атайты Мæдинæимæ. Ныхас кодтой Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы арæзтадыл Дзæуджыхъæуы. Сергей Меняйло загъта, республикæйы разамынд стыр аргъ кæй кæны, ахæм бастдзинæдтæ кæй ис бынæттон театралон æхсæнадæн паддзахадон академион театримæ. Æмæ уæлдай æхсызгон у «Вахтанговы хæдзар»-ы арæзтад Цæгат Ирыстоны. Уыцы хъуыддаг фæахъаз уыдзæн культурæйы къабазы райрæзтæн куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ регионы дæр.
Кирилл Крокк æмæ Атайты Мæдинæ радзырдтой былвырд Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы арæзтад куыд цæуы, уый тыххæй. Ныридæгæн уал кæронмæ æрхæццæ историон бæстыхайæ адæмы æндæр цæрæнуæттæм раивыны хъуыддаг. Бирæ азты хæдзар уыд æдзæллаг уавæры. Цы адæм дзы цард, уыдон ныртæккæ цæрынц ног фатерты. Кæронмæ æрхæццæ фатертæ федералон исбонадмæ дæттыны процедурæ. Бæстыхайы цæуы рацарæзт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, музей хъуамæ байгом кæной ацы аз. Кадджын мадзал снысан кæндзысты Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл академион театры 100 азы, стæй Дзæуджыхъæуы Уырассаг академион театры 150 азы бонæн.
















