Сергей Меняйло фембæлд «Концерн Росэнергоатом»-ы бындурыл кусæг компани «С-ПЛЮС»-ы генералон директоримæ. Дзырдтой æмгуыстады бадзырдтыл.
Дмитрий Мартыновы ныхæстæм гæсгæ, афæдзы кæронмæ Мæздæджы районы электрон хызæгты комплексы автоматизацийæн арвыстой 500 милуан сомы. Фыццаг къæпхæны сæвæрдзысты 10 интеллектуалон нымайæны. Ныхас цыд электрон хызæгты уавæрыл дæр. Фидæны къабазы сараздзысты республикон операторты иугонд.
Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ «С-ПЛЮС» у нæ бæстæйы раззагдæр интегратор электрон тыхдæттæг æмæ фæстауæрцгæнæг технологиты компани.
















