Сергей Меняйло фембæлд Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы генералон директоры хæдивæг – регионалон департаменты разамонæг, Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы информацион æмбаладты райрæзты, дзыллон информацийы фæрæзты æмæ дзыллон коммуникациты къамисы сæрдар Рифат Сабитовимæ. Цæгат Ирыстон бæстæйы егъау телевизион холдингимæ рагæй æмгуыст кæны. Сæргълæууæг фæнысан кодта, информаци раст æмæ тагъд фæхæццæ кæнын алкæддæр уыдысты Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы сæйраг æвдисæнтæ. Иумæйаг проекттæй фыццагдæр – æрвылкъуырион программæ «СВОИ», кæцы дзуры сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы гæнæнтыл. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæйы зын уавæрты ахæм хæрзхъæд каналтæн, куыд Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпани, кæцытæ хæццæ кæнынц информаци стыр аргъ ис.
















